Цæмæн у Гуырдзыстон бæлцæттæн фæндиаг бæстæты номхыгъды – «Форбс» публикаци кæны стати
Цæмæн у Гуырдзыстон бæлццæттæн зæрдæмæдзæугæ æмæ фæндиаг бæстæты номхыгъды – ахæм сæргондæй статийы публикаци кæны Гуырдызстоны фæдыл америкаг рауагъдад «Форбс».
Статийы автор Энн Абель фыссы, ома Гуырдзыстоны зæгъгæ уазæгуарзондзинад тынг аргъгонд у.
«Мæ хæлæрттæн куы загътон цæмæй Гуырдзыстонмæ фæцæуын – бæстæмæ кæцы мæнæн фæндиаг фендтаг бæстæты номхыгъды рагæй фæстæмæ уыд, уæд дзы алыгъуызон реакци фæфиппайдтон. Иуæй-иутæ аъуыды кодтой, цæмæй мæ хъуыдыйы дарттон нæхи штат. Иннæ мæ фарстой, уыдис æви нæ уый æдас зæгъгæ. (Уойæ) Иуæй-иутæ та сæ цæстытæ фырхæлæгæй ныирд кодтой кæнæ а ацы бæстæмæ сæрмагонд балцы фæдыл хъæлдзæг æрымысæггæгтæй æмæ сæ иу мын багаж ныввæрыны рæстæджы тынг хъæугæ амынд ратта:демæ ахæсс уæгъд дарæс æмæ эластикъон хæлæфтæ. Европæ æмæ азийы алвæндагыл уæвæг, ацы раздæры советон республикæйы заманайы хæринæгтæ ис. Ныхас, кæцы гуырдзиаг хæлцад нысан кæны у «супра» (фынг) кæцыйы диссаджы æмбæрдзинад у «дгъесасцъаули» (бæрæгбон). Ай хъазæн ныхас нæу. Уым афтæдæр фæзæгъынц, зæгъгæ «Уазæг дам Хуыцауы лæвар у», кæцы уый нысан кæны æмæ уазæгуарзондзинадæ тынг бæрзонд аргъ кæнынц æмæ фылдæр æй фæфиппайыс кулинарийы» – фыссы статийы автор Энн Абель.
«Форбсы» статийы лæмбынæг дзырдæуы гуырдзиаг фынгы бирæгъуызондзинад æмæ традицион хæринæгты тыххæй. Автор банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстонмæ фарастбонон балцы дæргъы, иу æвзæр хæринаг дæр йыл нæ амбæлд.
«Æнæхъæн Гуырдзыстон у сæны æмæ уарзондзинады бæстæ. Ацы фæстаг, се ргомзæрдæ уазæгуарзондзинадыл дæр зыны. Цыдæриддæр та фыццагмæ æххæссы, бæстæ нымадмæ ист у сæны фыдыбæстæййæ, кæцы бæлвырд у 7000 азы размæйон сæндуцынады бæлвырдгæнæнтæй. Бæстæйы æппæт территорийыл сæнæфсиры 5000-æй фылдæр мыггаг кæнынц» – банысан кодта автор.
Статийы мидæг дзырдæуы, цæмæй Гуырдзыстоны ис сæндуцджытæ, кæцытæ сæн кæнынц æлыгæй мигæнæнты традицион методтæй æмæ ахæмтæ дæр ис, кæцытæ уый тыххæй пайда кæнынц нырыккон технологитæй.
«Хæринæгтæ æмæ æн Гуырдзыстоны сæйраг химæласæг сты æмæ уый фыццаг æфсон, æмæ ивгъуыд азы фæстæ, визиторты нымæц фæдывæр ис – фæлæ иунæг нæу. Сурæтхуыз хъæутæй æмæ незаманы аргъуантæй едзаг Кавкасиони алæмæттаг рæсугъд у. Уый афтæдæр идеалон у къахдзоныгътыл бырынæн. Уым афтæдæр æрдзон тæвд суадæттæ æмæ сондоны бассейнтæ, сæрмагондæй та Борджомы паркъы. Æппæты кæрон та уым ис Тбилис, кæцыйы бастыгъдтой 27 хатты, фæлæ сæндидзыд куыд космополитон бынат афтæ, цы ран нырыккон архитектурæ историон бæстыхæйттимæиум кæны, кафеты бонджын культурæйæ æмæ сæны æмæ коктейльты барты бумæй» – дзырдæуы статийы.
Автор афтæдæр банысан кодта, цæмæй Тбилис зæгъгæ, Дунейы уыцы чысыл сахарты æхсæн, иуæй-иу у, кæцытæ абсолютонæй хицæн кæнынц æндæр сахартæй.