Цæмæн  у  Гуырдзыстон  бæлцæттæн  фæндиаг  бæстæты номхыгъды – «Форбс»  публикаци кæны стати
Цæмæн у Гуырдзыстон бæлцæттæн фæндиаг бæстæты номхыгъды – «Форбс» публикаци кæны стати

Цæмæн у  Гуырдзыстон  бæлццæттæн  зæрдæмæдзæугæ æмæ фæндиаг  бæстæты  номхыгъды – ахæм  сæргондæй  статийы   публикаци кæны   Гуырдызстоны фæдыл  америкаг  рауагъдад «Форбс».

 

Статийы  автор Энн  Абель  фыссы,  ома  Гуырдзыстоны зæгъгæ   уазæгуарзондзинад  тынг  аргъгонд  у.

«Мæ хæлæрттæн куы загътон цæмæй  Гуырдзыстонмæ фæцæуын – бæстæмæ  кæцы мæнæн  фæндиаг  фендтаг   бæстæты   номхыгъды рагæй  фæстæмæ   уыд,   уæд  дзы алыгъуызон реакци  фæфиппайдтон.  Иуæй-иутæ аъуыды  кодтой,  цæмæй  мæ хъуыдыйы  дарттон  нæхи штат.   Иннæ  мæ  фарстой, уыдис æви нæ  уый  æдас зæгъгæ.  (Уойæ) Иуæй-иутæ та  сæ  цæстытæ  фырхæлæгæй ныирд кодтой  кæнæ а  ацы  бæстæмæ  сæрмагонд   балцы  фæдыл хъæлдзæг   æрымысæггæгтæй  æмæ   сæ  иу мын   багаж ныввæрыны рæстæджы  тынг  хъæугæ   амынд ратта:демæ ахæсс  уæгъд  дарæс  æмæ  эластикъон хæлæфтæ.  Европæ æмæ азийы  алвæндагыл  уæвæг,   ацы  раздæры  советон   республикæйы заманайы хæринæгтæ ис.  Ныхас,  кæцы  гуырдзиаг  хæлцад нысан кæны  у  «супра» (фынг)  кæцыйы  диссаджы  æмбæрдзинад  у  «дгъесасцъаули» (бæрæгбон). Ай  хъазæн ныхас  нæу.  Уым афтæдæр фæзæгъынц,  зæгъгæ  «Уазæг дам Хуыцауы лæвар у»,  кæцы уый   нысан кæны æмæ  уазæгуарзондзинадæ тынг бæрзонд аргъ кæнынц æмæ фылдæр  æй  фæфиппайыс  кулинарийы» –   фыссы статийы  автор  Энн Абель.

«Форбсы» статийы  лæмбынæг  дзырдæуы    гуырдзиаг  фынгы бирæгъуызондзинад  æмæ  традицион хæринæгты  тыххæй.  Автор  банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстонмæ  фарастбонон   балцы  дæргъы,   иу  æвзæр  хæринаг  дæр  йыл нæ  амбæлд.

«Æнæхъæн  Гуырдзыстон  у  сæны  æмæ   уарзондзинады  бæстæ.   Ацы фæстаг,  се ргомзæрдæ уазæгуарзондзинадыл дæр зыны.  Цыдæриддæр та фыццагмæ æххæссы,   бæстæ  нымадмæ ист у  сæны  фыдыбæстæййæ,  кæцы  бæлвырд у  7000 азы  размæйон  сæндуцынады   бæлвырдгæнæнтæй.   Бæстæйы æппæт территорийыл  сæнæфсиры  5000-æй  фылдæр  мыггаг кæнынц» – банысан кодта   автор.

Статийы  мидæг дзырдæуы, цæмæй  Гуырдзыстоны  ис  сæндуцджытæ,  кæцытæ  сæн кæнынц   æлыгæй  мигæнæнты традицион методтæй  æмæ  ахæмтæ дæр ис,  кæцытæ   уый тыххæй  пайда кæнынц  нырыккон технологитæй.

«Хæринæгтæ  æмæ  æн Гуырдзыстоны   сæйраг  химæласæг  сты  æмæ  уый  фыццаг æфсон, æмæ ивгъуыд азы  фæстæ,  визиторты  нымæц   фæдывæр ис –  фæлæ  иунæг  нæу.  Сурæтхуыз  хъæутæй  æмæ  незаманы аргъуантæй  едзаг  Кавкасиони  алæмæттаг  рæсугъд у. Уый афтæдæр  идеалон у  къахдзоныгътыл   бырынæн.  Уым афтæдæр   æрдзон  тæвд  суадæттæ  æмæ   сондоны бассейнтæ,  сæрмагондæй та Борджомы паркъы.  Æппæты  кæрон  та  уым ис Тбилис,   кæцыйы  бастыгъдтой  27 хатты, фæлæ  сæндидзыд   куыд космополитон бынат афтæ,  цы ран  нырыккон архитектурæ  историон   бæстыхæйттимæиум кæны,   кафеты  бонджын культурæйæ  æмæ сæны  æмæ  коктейльты  барты  бумæй» –  дзырдæуы  статийы.

Автор афтæдæр банысан кодта, цæмæй  Тбилис зæгъгæ,   Дунейы    уыцы  чысыл  сахарты æхсæн,    иуæй-иу  у,   кæцытæ  абсолютонæй  хицæн кæнынц  æндæр сахартæй.