ЦÆК-ы сæрдар Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар, Робин Данниганимæ фембæлдис
Централон Æвзæрстгæнæг Комиссийы (ЦÆК) сæрдар Гиорги Каландаришвили Гуырдзыстоны АИШЫ-ы минæвар Робин Данниганимæ базонгæйы равгы фембæлд ауагъдта.
ЦÆК-ы пресс-куыысты информацийæ, 2024 азы парламенты æвзæрстытæм цæттæдзинады процесс уыд абоны фембæлды сæйраг темæ.
АИШ-ы минæвар 26 октябры æвзæрстытæм ЦÆК-ы сæххæст æмæ плангонд активондзинæдтæ æвæрццаг аргъ райстой æмæ æвзарæнон администрацийæн фидар фарсдарын равдыста ацы нысаниуæгджын хъуыддаджы.
«Мах фæныхас кодтам уый фæдыл, цæмæй цы нысаниуæг ис ЦÆК-ы æвзарæнон процессы ам, Гуырдзыстоны, æмæ æмтгæй райсгæйæ алкуыран, дунейы масштабæй. Централон æвзæрстгæнæг комиссийы кусджытæ æххæст кæнынц иттæг нысаниуæгджын куыст демократон процессы тыххæй. Мах æрныхас кодтам, цæмæй ацы æвзæрстытæ сты фадат Гуырдзыстонæн демократийы тых равдисынæн. Ма афтæдæр æркастыстæм АИШ-ы фарсдарын ацы процессмæ. Мах йæ фарс хæцæм ЦÆК-æн æндæр æмæ æндæр программæйæ æмæ уый адарддæр кæндзыстæм фидæны дæр. Йæ фарс хæцæм æхсæнадæмон цæстадарæг мисситæн. Нæ реалон нысан, АИШ-ы нысан у, цæмæй процесс уа максималонæй æргом, уæгъдибар æмæ рæстаг æмæ гуырдзиæгтæн уа фадат спайда кæной сæ хъæлæсы барæй», – райхъусын кодта АИШ-ы минæвар Гуырдзыстоны Робин Данниган.