ЦÆК-ы сæрдар фембæлдис Националон-Демокративон Институты  цæстдарæг миссиимæ
ЦÆК-ы сæрдар фембæлдис Националон-Демокративон Институты цæстдарæг миссиимæ

Централон Æвзæрстгæнæг Комиссийы  сæрдар Гиорги Каландаришвили, Националон-Демокративон Институты  (NDI) 2024 азы  парламентон  æвзæрстыты  дæргъвæтин  цæстдарæг миссиимæ  фембæлдис, кæцыйæн къухдариуæг кæны   Наташа Ритчаилд.

ЦÆК-ы  информацийæ, фембæлды  сæйраг темæ  26 октябры   æвзæрстытæм  æвзарæнон  администрацийы   сæххæст   æмæ цæугæ куыстытæ  уыд.

ЦÆК-ы сæрдар миссийы  минæвæрттимæ деталонæй фæныхас кодта  æвзарæнон администрацийы  сæххæст   куысты æмæ  проектты тыххæй, кæцы  26 октябры æвзæрстыты  бæрзонд æмвæзадыл ауадзын сæнæмæт кæндзæн.  Сæ нымæцы, сæрмагонд акцент   арызт уыд  æвзарæнонпроцессы  технологиты  æрфидар кæныныл.

Гиорги Каландаришвили  банысан кодта, цæмæй  ацы æрдгæй  куыд æвзарæнон   админристраторты  бацæттæ, афтæ  æвзæрстгæнджыты информиркæныны кампани, кæцы æвзæрстытæ афæдз æмæ æрдæг агъоммæ райдыдта, активонæй  цæуынц.  ЦÆК-ы  сæрдар  афтæдæр банысан кодта, цæмæй  æвзарæнон  администраци нырид  йæ æрдыл бадардта   NDI-ы  рекомендациты фылдæр, сæ нымæцы   сыххæст кодта  æнæхъæн бæстæйы   масштабæй  æвзарæнон технологиты  æппæтон демонстрацийы проект, райрæзтис  уыцы æвзарæнон фадгуыты нымæц, кæцыты технологитæй  спайда кæндзысты, афтæма   активонæй  цæуы æххæст  информацион æмæ  рухсадон   кампанитæ   æвзæрстгæнджыты  информир кæныны нысанæн.

ЦÆК-ы информацийы банысангонд у, ома фембæлдыл  афтæдæр фæныхас кодтой  ахæм нысаниуæгджын фарстайыл, цахæмдæр  у  æвзарæнон фарстаты фæдыл  дезинформацийы  ахæлиу. ЦÆК-ы сæрдар   фембæлды хайадисджытæн ацы æрдгæй  Гуырдзыстоны æвзарæнон  админристрацийы  фæлтæрддзинад æмæ реагиркæнынады фæдыл  информаци базонын кодта.