ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, ацы рæстæгмæ «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» хъæлæсты 49,32%, «Националон Змæлдмæ» 25,94%, æрмæст «Европаг Гуырдзыстонмæ» 3,77% ис
Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, ацы рæстæгмæ «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» хъæлæсты 49,32%, «Националон Змæлдмæ» 25,94%, æрмæст «Европаг Гуырдзыстонмæ» 3,77% ис.
Æдæппæт 3 847 æвзарæнон фадыгæй бæрæггæнæнтæ бахыгъд кодтой 2 252 фадыгмæ гæсгæ.
Хъæлæсты процентон райуæрст ацы рæстæгмæ ахæм у:
«Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстон» – 49,32%; «Националон Змæлд – Тых иудзинады ис» -25,94%; «Европаг Гуырдзыстон» – 3 ,77;; «Патриотты Альянс» – 3,26% ; «Лело» – 3,16%; «Стратегиа Агъмашенебели»-3,1%, «Гричи» – 2,87%; Алеко Элисашвили – Æмбæстæгтæ» – 1,34%; «Лейбористон Парти» – 1,03%.
Иннæ партитæн æвзæрстгæнджыты хъæлæсты иу процентæй каддæр хъæлæстæ ис.