Медиайы хъусинагæй, развæлгъау бæрæггæнæнтæй АИШ-ы Конгрессы æхсæйнаг æвзæрстыты лидертæ сты республикæгтæ
Медиайы хъусинагæй, развæлгъау бæрæггæнæнтæй АИШ-ы Конгрессы æхсæйнаг æвзæрстыты лидертæ сты республикæгтæ

Америкæйы Иугонд Штатты æвзарæнон фадгуыты фылдæр хай  сыхгæдтой.  Бæстæйы масштабæй  хъæлæстæ бахыгъд  райдыдта.

Развæлгъау бæрæггæнæнтæй,   Сенаты  45  бынат ис  республикæгтæм, демократтæм  та  43 бынаты.  Минæвæртты  палатæйы  республикæгтæм 168, æрмæст демократтæм  та 104 бынат ис.

«ВВС»-ы  информацийæ,   развæлгъау бæрæггæнæнтæй,  Техасы  республикаг кандидат, Иллинойсы та  демократ  кандидаттæ сты лидертæ.  Флоридайы дæр  республикаг   кандидат уæлахиз кæны.  Нырма  бæрæг нæу  Аризонайы  штаты  фæстиуджытæ, кæцы иуæй-иу  сеппæтæй  нысаниуæгджын штат у.

Телекомпани  «CBS»-ы  прогнозæй,  минæварадон палат гæнæн ис республикæгты контролы дæлбар ахиза.  Ацы  этапыл  Конгрессы дыууæдæр палатæйы æмæ Сенаты дæр фылдæры хай ис  демократтæм.

АИШ-ы  æмбæстæгтæ сывзардзысты  435-уæнгджын  минæварадон палатæйы æххæст сконд æмæ  сенаты 35 уæнгы.  Уый æддæмæ ма 36 штаты сывзардзысты губернаторты.

Америкæйы 50 штатæй  алкæцыйæн Сенаты ис дыууæ сенатор, кеæцыты æхсæз азы æмгъуыдæй  сывзарынц.  Минæварадон палатæйы уæнгты мандат у  дыууæазон  æмæ уыдон  сты  къаддæр  зылдтæй.