Цæцæны сæйраг сахар Грозныйыл дронтæй ныббырстой
Цæцæны сæйраг сахар Грозныйыл дронтæй ныббырстой

Цæцæны сæйраг сахар Грозныймæ дронтæй æрбабырстой.

Уæвæг информацимæ гæсгæ, 8-æм майы райсомæй дронтæ æрбабырстой Грознайы Ханкалайы районмæ, цыран Уæрæсейы стырдæр æфсæддон базæтæй иу ис. Бабырст сыххæст æрцыд Æдасдзинады Федералон службæйы штабы хъæуы Знаменскоейы.

Апарахатгонд видеотæм гæсгæ, Грознайы æппынкъаддæр дыууæ срæмыгъд æрцыд.

Ханкалайы (Грозныйы горæтгæрон) ис уæрæсейаг æфсæддон базæ æмæ 42-æм гвардион мотоæхсæг Евпаторийы сырх тырысайы дивизийы штаб, кæцы хауы Хуссар æфсæддон зылды 58-æм æфсады сконды.