Бынæттон медийы информацийæ, Туркы «Исламон паддзахад»-мæ бастдзинады аххосагæй Гуырдзыстоны æмбæстаг æрцахстой

Бынæттон медийы информацийæ, Туркы «Исламон паддзахад»-мæ бастдзинады аххосагæй Гуырдзыстоны æмбæстаг æрцахстой

Туркы террористон организаци «Исламон паддзахадимæ» бастдзинады гуырысхогонд Гуырдзыстоны æмбæстаг æрцахстой. Уый фæдыл информаци Туркы паддзахадон агентад «Анадолу» парахат кæны.

Ралæвæрды информацийæ, спецопераци Измиры сырæзт. Ахстгонд сты 10 фæсарæйнаг, кæцытæ террористон къордимæ, «Исламон паддзхадимæ», бастдзинады сты аххосджын.

Туркаг медийы информацийæ, фараст ахстгонд Сирийы, иу та Гуырдзыстоны æмбæстаг у.