Бынæттон цæстдарæн организацитæ сарæзтой брифинг ОБСЕ/ОДИР-ы æвзæрстыты кæронбæттæн аргълæвæрды фæдыл.
ОБСЕ/ОДИР-ы 26-æм октябры æвзæрстыты кæронбæттæн аргълæвæрды фæдыл, бынæттон цæстдарæг организацитæ, сæрмагондæй «Рæстаг æвзæрстыты æмæ демократийы æхсæнадæмон æхсæнад», «Гуырдзыстоны æвзонг юристты ассоциаци» æмæ цæстдарæн мисси «Мæ хъæлæс» сарæзтой иумæйаг ныхас.
Бынæттон цæстдарæг организациты информацийæ, ОБСЕ/ОДИПР-ы хыгъдлæвæрд у иттæг критикон æмæ лæмбынæг æвдисы, парламентон æвзæрстыты рæстæджы цы хæлдтыты æмбырд рабæрæг, уыдон.
«ОБСЕ/ОДИР-ы аргълæвæрдмæ гæсгæ, парламентон æвзæрстыты рæстæджы, куыд æвзæрстыты агъоммæйы периоды, афтæ дæр æвзæрстыты боны æмæ фæдылдзог периоды рабæрæг ис æнæмæнгхъæуæг характеры хæлдтытæ, кæцытæ ныхмæлæуд кæнынц Гуырдзыстоны хæстæн æмæ æвзæрстытæ уадзыны æхсæнадæмон стандарттæм гæсгæ.
Уыдоны æхсæн уæлдай бæрæг у, æвзарæн закъондæттынад арæх æмæ иуæй-иу цауты тагъддæр кæй ивы, уый дызæрдыгдзинад æвзæрын кæны йæ политикон нысанæн спайда кæныны тыххæй. Афтæ дæр, æвзарæнон администрацийы штатон фæткæвæрды фæфыддæр æмæ æвзарæнон администрацийы хæдбардзинадимæ баст уæвæг æртхъирæнтæ. Æвзæрстыты агъоммæ периоды дæргъы, хицаугæнæг парти æмæ паддзахады æхсæн арæн сæфт æрцыд, административон фæрæзты спайда æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» финансон авналæн. Афтæ дæр, æвзарджыты тæрсын кæнын, æхсæнадон уагдæтты æмæ социалон æгъдауæй æнæхъахъхъæд къордты кусджытыл æндæвдад, кæцыты бындурыл, чи зоны, иуæй-иу æвзарджытæн сæ бон нæ уыд сæрибарæй сæ равзæрст саразын æмæ æнæ тасæй схъæлæс кæнын.