Протесты хайадисджыты радикалон базыр ныссæста æмæ бастыгъта дуканитæ, банкъытæ, кафе-бартæ æмæ æндæр уагдæттæ.
Скуынæг ис уынгты инфраструктурæ, митинггæнджытæ басыгъдтой ног азон назы бæлæстæ. Базарадон уагдæтты хицæуттæ сабаты акци сæ зæрдыл даргæйæ, витринæтæ хъæд æрмæгæй бахостой, фæлæ вандалон актытæй сæ дуканитæ уæддæр нæ бахъахъхъæдтой.
«Буржилетджынтæ» барьертæ дæр ныппырх кодтой, хæрæдон объекттæй дзаума дуармæ рахастой æмæ сыл арт бандзæрстой. Æнæхъæн æхсæвы дæргъы сыгъдысты автомобилтæ.
Ацы рæстæгмæ Паризы уангты фылдæр ныссыгъдæг кодтой. Специалон куыстыты минæвæрттæ кусын райдыдтой сæумæрайсомæй.
Цахæ у Париз радикалон акцийы фæстæ, фоторепортаж Францы сæйраг сахарæй æрцæттæ кодта Гурам Рогава.