Брюсселы Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадт ацæудзæн
Брюсселы абон Гуырдзыстон-Евроцæдисы советы æхсæзæм рабадт ацæудзæн. Рабадты хайад райсдзæн Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, кæцы Бельгийы сæйраг горæты ис хицауадон делегациимæ иумæ.
Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинад советы рабадты фæстæ, ацæудзæн премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы, фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фарстæты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борелы æмæ Европаг æмæ сыхагон политикæйы æмæ ауæрæх фарстæты еврокомиссар Оливер Вархейы иумæйаг пресс-конференци.
17 марты бæрзонд æмвæзы фембæлдтæ ацæудзæн европарламент æмæ НАТО-йы. Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæгæн НАТО-йы штабы сфысым кæндзæн альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг. Фембæлды фæстæ Ираклий Гъарибашвили æмæ Йенс Столтенбергы иумæйаг пресс-конференци ацæудзæн. Афтæма плангонд у НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадт.
Брюссельмæ визиты рæстæджы, Ираклий Гъарибашвили нырид ауагъдта фембæлдтæ Европаг Советы президент Шарль Мишелимæ куыд комкоммæ, афтæ æхгæд форматы. Ираклий Гъарибашвили афтæдæр фембæлдис Бельгийы премьер-министр Александр де Крооимæ.
Гуырдзыстоны делегацийы сконды, кæцыйæн къухдариуæг кæны Ираклий Гъарибашвили, афтæдæр сты вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава æмæ юстицийы министр Гоча Лорткипанидзе.
Премьер-министримæ æмæ хицауады деплегациимæ иумæ, Брюсселы ис Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл.