Брюсселы Евроцæдис уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министрты советы рабадт цæуы
Брюсселы Евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министрты советы рабадт цæуы. Æддагполитикон уагдоны минæвæрттæ фембæлбдыл «хоры бадзырдæй» Уæрæсей рацыды æмæ Турчы Евроцæдисы уæнгсуæвыны фарстатыл уынаффæ кæнынц.
Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел фембæлды нысаниуæгыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта æмæ æмæй Уæрæсе нырил цалдæр бон у, кунæг кæны хоры æвæрнтæ, кæцы Дунейы хойраг стыр кризисы сæвзæрын кæндзæн.
Афтæма Борел банысан кодта, цæмæй йын æхсызгон сты Турчы Европаг тырнынадтæ æмæ сбæлвырд кодта, цæмæй дипломаттæ ацы фарстайыл дæр уынаффæ кæнынц.
«Турчы фæнды уæнгсуæуыны фæдыл бадзырдтæ ногæй райдаын, сæ политтикон ахасты европаг бонвæт приоритетон кæны, уый дзæбæх хабар у. Министрты бахъæудзæн фæуынаффæ кæнын, куыд сдзуапп кæндзысты турчы курдиатæн. Зондзыстут, Украинайы кандидатурæ Евроцæдисы ног динамикæ сарызта нæ сыхы. Украина кандидат куы уыдзæн уый фæтагъд кæндзæн процесстæ æппæт Балканты æмæ цæй зæгъын æй хъæуы турчы дæр фæнды, уа ацы хъазты хай», – райхъусын кодта Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар.
Уыимæ, медиайы хуъсинагæй, Евроцæдис план кæны, сараза специалон фонд Укринайæн баххуыс кæнынæн, цæй цыппар азы дæргъы 20 миллиард евроæйы аргъы æфсæддон æххуыс дары йæ хъуыдйы. Жозеп Борел ныфс æвæры, цæмæй ацы æнхъарæнимæ коллегæтæ сразы уыдзысты.