Брэкситы фарсылхæцджытæ Лондоны акци ауагътой
Британийы сæйраг сахар Лондоны, парламенты бæстыхайы раз брэкситы фарсылхæцджытæ акци ауагътой. Акцийы цалдæр организаци райста хайад, кæцытæ Евроцæдисæй Британийы ахызтæн хæцынц йæ фарсыл.
Лондоны акци уый фæстæ райдыдта, парламент премьер Тереза Мейы брэкситы планæн æртыгкаг хатт дæр куы нæ рахæцыд йæ фасрыл.