Британийы рауагъдад The ​​Buyer – «Гуырдзыстоны уагъд æппæтдунеон сæны конкурс хæрзхъæддзинад æмæ бирæхуызондзинады нысаниуæгджын рæзт бавдыста»
Британийы рауагъдад The ​​Buyer – «Гуырдзыстоны уагъд æппæтдунеон сæны конкурс хæрзхъæддзинад æмæ бирæхуызондзинады нысаниуæгджын рæзт бавдыста»

Гуырдзыстоны сæн æмæ спиртджын нозты конкурсы ацы азы фæстиуджытæ бæлвырдæй æвдисынц, куыд тагъд æмæ дард ахызт бæстæ фæстаг азты, куыд йæ сæны гъæд фæхуыздæр кæныны æрдгæй, афтæ йæ сæны кондады алыхуызондзинад æмæ масштабты æрдгæй дæр, хъусын кæны Националон сæны агентад, куыд хъусын кæны æндæвдадджын бритайнаг медиа-рауагъд «The Buyer»-ы æрмæджы, кæцыйы ныффыста сæны фыссæг Сани Ходжия.

Сæны националон агентады информацийы куыд банысангонд у, афтæмæй Сани Ходжия ныр  æппæтдунеон сæн æмæ спиртджын нозты конкурсы фæстиуджытæ, IWSC Georgia 2025 хатдзæг кæны.

Гуырдзыстоны 2022 азæй уагъд цæуы æппæтдунеон  сæн æмæ спирты конкурс (IWSC). Конкурсы официалон партнер у Гурджааны сæны фестиваль, æххуысгæнæг та у Националон Сæны Агентад.

2025-æм азы ерыстæ горæт Батумы уагъд æрцыдысты. Конкурсæн разамынд лæвæрдта Сара Эбботт, IWSC-йы комитеты уæнг, сæны дæсны. WSC Georgia 2025 конкурсы фæстиуджытæм гæсгæ, сæны категорийы лæвæрд æрцыд 30 сыгъзæрин, 119 æвзист æмæ 113 бронзæ, гуырдзиаг спирттæ та æфтаугæйæ рамбылдтой 4 сыгъзæрин, 6 æвзист æмæ 12 бронзæйы», -ис фыст информацийы.