Британийы  премьеры хæдивæг - Британийы  хицауады фæнды  цæмæй  «Брегситы»  фæдыл  æртæ хатты  нæзагъд  цы бадзырдыл æрцыд,  уый  июлы  кæронмæ сбæлвырд кæна
Британийы премьеры хæдивæг - Британийы хицауады фæнды цæмæй «Брегситы» фæдыл æртæ хатты нæзагъд цы бадзырдыл æрцыд, уый июлы кæронмæ сбæлвырд кæна

Британийы  хицауады фæнды  цæмæй  «Брегситы»  фæдыл  æртæ хатты  нæзагъд  цы бадзырдыл æрцыд,  уый  июлы  кæронмæ сбæлвырд кæна –  уый тыххæй   фидиуæн  Британийы  премьеры хæдивæг  Девид  Лидингтон  сарызта. Информацийы  хъусын кæны агентад  «Ройтер».  Лидингтон  конкретон  датæ  нæ  хоны фæлæ  дзуры, цæмæй  ацы процесс  зæгъгæ  æнæфæзилгæ у.

10 апрелы  уагъд  саммитыл  евроцæдисы  лидертæ   баныхас  кодтой,  æмæ  Британийы   организацийæ   рацæуыны  датæ  6 мæйы онг æмгъуыдæй   ахæцыдысты.  Евроцæдисы   лидерты  фидиуæнæй,   кæд Британи  22   майы онг   нæ бахъом  уыдзæн  разыдзинадмæ æрцæуын,  уæд официалон  Лондон тыхыбын бауыдзæн   Европарламенты æвзæрстыты  хайад райсын.