Британийы минæварад- Иугонд Паддзахад сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, æнæаргъæвгæйæ скæнæд мадзæлттæ, цæмæй цæхгæр кæрон скæна протест фарсыл лæууæг адæймæгты æнæзакъононæй тасы æфтауын
Иугонд паддзахад сижы Гуырдзыстоны хицауадмæ, æнæаргъæвгæйæ райсæт мадзæлттæ, цæмæй схафой протесты фарсыл лæууæг адæймæгты æнæзакъононæй тæрсын кæнын æмæ фæдагуырд ацæуæд алы барадсаст цаутыл – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны иугонд паддзахады минæварады.
«Иугонд Паддзахад сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, æнæаргъæвгæйæ райсæт мадзæлттæ, цæмæй схафой протесты фарсыл лæууæг адæймæгты æнæзакъононæй тæрсын кæнын æмæ фæдагуырд ацæуæд алы барадсаст цаутыл.
Æртхъирæнтæй телефонон дзырдтæ, æнзакълонон ахстытæ, нады æмæ постерты, кæцы æмбæстагон дзыллæйы уæнгты гадзрахатгæнджытæй хонынц, уый æппæты бынат нæй демократон дзыллæйы.
Иугонд Падзахад дарддæр кæны Гуырдзыстоны фарсмæ лæууын, йæ демократийы æмæ евроатлантикон тырнынадтæн фарсхæцынæн» – дзырдæуы минæварады фидиуæны.