Британийы хъахъхъæнынады комитет – Запорожьейы электростанцæмæ барæй бырст куы æрцæуа, кæцыйы фæстиуæгæн рахъардзæн радиаци, уæд уый нымад хъуамæ цæуа НАТО-йы уæнг паддзахадмæ бырстыл
Стыр Британийы æхсæнадты палатæйы хъахъхъæнынады комитеты къухдариуæггæнæг, Тобиас Элвуд хуъсын кæны, цæмæй Запорожьейы атомон электростанцæйыл, барæй куы æрцæуа бырст, кæцыйы фæстиуæгæн радиаци рахъардзæн, уый нымад хъуамæ цæуа куыд бырст НАТО-йы уæнг паддзахадмæ æмæ организацийы фæндзæм статийы хъуамæ ыскуса.
«Цæй-ма, ацытæккæ раирд кæнæм. Цыфæнды барæй базиан кæнын, кæцыйы тыххæй радиаци рахъардзæни Украинайы атомон электро станцæйыл, нымад цæудзæн НАТО-ы 5-æм статийы хæлдыл», – фыссы Тобиас Элвуд æмæ йемæ сразы ис америкаг Конгрессмен Адам Кинзингер.
Адам Кинзингер куыд банысан кодта афтæмæй, цыфæнды рахъарын амардзæн адæймæгты НАТО-йы уæнг бæстæты.
«Уы 100% афтæ у. Тæрхон кæнинагдæр нал у. Цыфæнды рахъарын амардзæн адæймæгты НАТО-йы уæнг бæстæты. Уый та автоматонæй нысан кæцы фæндзæм статийы скусын кæнын», – фыссы Адам Кинзингер.