Бритайнаг рагысгарæг куысты хъусинагæй, Владимир Путин оккупацигонд Украинайы территориты Уæрæсейы скондмæ бацыды фæдыл гæнæн ис 30 сентябры райхъусын кæна
Бритайнаг рагысгарæг куысты хъусинагæй, Владимир Путин Украинайы оккупацигонд территориты Уæрæсейы скондмæ бацыды тыххæй, 30 сентябры райхъусын кæна. Уый фæдыл дзырдæуы, Стыр Британийы хъахъхъæнынады министрады рагысгарæг куысты æрвылбойнон афæлгæсты.
30 сентябры план кæны Уæрæсейы президенты сидт парламенты дыууæдæр палатæй раз. Ацытæккæ Украинайы Луганскы, Донецкы, Херсоны æмæ Запорожьейы зылдты Уæрæсейы скондмæ бацыды фæдыл а.х. референдумтæ цæуынц, кæцы абон хъуамæ фæуа.
Уыимæ уырыссаг рауагъдад «Ведомости» фыссы цæмæй Уæрæсейы хицауад ног «зылды» саразын план кæны, кæцымæ бацæудзысты оккупацигонд Украинайы территоритæ, сæ нымæцы Хъырымы æрдæгсакъадах. Рауагъдады информацийæ, фæнысангонд «зылды» Уæрæсейы президенты æвджид лæгæй, гæнæн ис раздæры вице-премьер «Роскосмосы» раздæры къухдариуæггæнæг Дмитрий Рогозин снысан уа.
Украина æмæ йæ ныгуылæйнаг партнертæ оккупацигонд территоритыл цæугæ а.х. «референдумтæ» æнæзакъононæй нымайынц æмæ сæ фæстиуджытæ нымадмæ нæ исынц.