Бритайнаг дипломаттæ Мæскуыйæ къуырийы кæронмæ ацæудзысты

Бритайнаг дипломаттæ Мæскуыйæ къуырийы кæронмæ ацæудзысты

Информаци Мæскуыйы Стыр Британийы минæварад парахат кæны.

«Нæ дипломаттæ Уæрæсейæ къуырийы кæронмæ ацæудзысты. Кæд æмæ искæмæн ис фæндон цæмæй ноджы раздæр афæндараст уа Британимæ, уыдонæн уый фадат уыдзæн лæвæрд» – расидтысты Британийы минæварады.

17-æм марты, Британийы æскъуыддзагæй бæстæйæ уырыссаг дипломатты рарвысты фæдыл, аналогион дзуапп ратта æмæ  бæстæйæ бритайнаг дипломатты рарвысты фæдыл раисдæн сарæзта Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад.

Стыр Британийы премьер-министры æскъуыддзагæй  Бртанийæ 23 уырыссаг дипломат рарвыстой. Британийы хицауад нымайы ,цæмæй дывæрон агенты Сергей Скрипалийы фæхъæстæйы фæстæ Уæрæсе лæууы.