Брекситы фæстæ ахизгæ период гæнæн ис, дыууæ азæй адарддæр уа. Рауагъдад The Guardian куыд фыссы афтæмæй, æмбæлон инициативæйæ Брекситы фарстаты Евроцæдисы сæйраг минæвар Мишель Барнье ралæууыд.
ФÆнысангонд фарста уый Евроцæдисы 27 уæнг бæстæйы минæвæрттимæ уагъд специалон фембæлдыл æркастис.
Бавдыст планæй, ахизгæ период 2022 азы кæронмæ адарддæр \уыдзæн. Мишель Барньейы фидиуæнæй, ацы уынаффæ фæрсты æхсæн базарадон ахастытыл бадзырдтæм ноджы дыууæ азон æмгъуыд ратдзæн. Фæлæ ахизгæ периоды адарддæр кæныны цауы, СТыр Британи тыхыбын бауыдзæн Евроцæдисы æгъдæуттæ хъахъъæнын æмæ бюджетмæ суммæтæ бахæсын.
Уæвæг информацийæ, Брекситы фæстæ ахизгæ период 21 мæй хъуамæ аххæсса æмæ 2020 азы кæронмæ фæуа.