Борис Джонсон – мах коллективонæй хъуамæ аскуынæм  бастдзинад Уæрæсейы  газ æмæ  нефтыл,  кæцы Путинæн рагæй дæтты  фадат, йæ  политика уадза
Борис Джонсон – мах коллективонæй хъуамæ аскуынæм бастдзинад Уæрæсейы газ æмæ нефтыл, кæцы Путинæн рагæй дæтты фадат, йæ политика уадза

Æрныхас  кодтам масштабон пакеты фæдыл,   экономикон санкцитыл,   кæцытæ   Уæрæсейы  экономикæйæн уæззау  цæф  уыдзæн, –  уый фæдыл Британийы  премьер-министр   Борис Джонсон   специалон  сидты рæстæджы   райхъусын кодта.

«Мах коллективонæй  хуъамæ аскуынæм   бастдзинад уырыссаг газы  æмæ   нефтыл, кæцы рагæй фæстæмæ,   Путинæн дæтты фадат,  йæ  политикæ уадза.  Дипломатонæй.   Политиконæй,   æмæ æфсæддон цæстæнгасæй,   Путины  ацы   гуымиры  райдыд   кæрон скæнын хъæуы  афтæ,  цæмæй æнææнтыст уа.   Сидын   Уæрæсейы  адæммæ æмæ  президентмæ,   кæцы   тыхдзинады  ахæм егъау  уылæн  сцырын кодта,   сидын уырыссаг æфсæддæтты   ныйарджытæм,   украинæгтæм дæр сидын ацы  моменты,  цæмæй  уæ фарсмæ  стæм,    кувæм Хуыцаумæ сымах тыххæй,  уæ бинонты  тыххæй,  уæ фарс хæцæм», – райхъусын кодта  Борис Джонсон.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   Британи  кусдзæн æмцæдисонтимæ, цæмæй  Украинайы  суверенондзинад   æмæ  хæдбарад сног уа.

«Кæд фидæн  мæйтæ  сты  суадалынг,  уæд уырнæг дæн, Украинайы   та  æрбынат кæндзæн рухс.   Нæ хъуыды  кæнын, цæмæй   бомбæтæй,   танкытæй æмæ  ракетæтæй,   уырыссагн  диктатор   йæ дæлбар  бакæндзæн  æмæ    украинаг адæмы националон   æнкъарæн,  сæ  уырнынад, ома  сæ бæстæ  хъуамæ  уа  сæрибар. Æз бритайнаг  адæмæн дзурын, цæмæй Путинæй  цæугæ тасæй   нæ тæрсæм.   Уыдоны дарын мæ хъуыдыйы,  Украинайы  фарсмæ  чи стæм. Алцыппæт сараздзыстæм,   цæмæй  бæстæ  уа  æдас.  Сæ  фарс хæцæм   нæ  æмцæдисонтæн  æппæт Дунейы  масштабæй, кусдзыстæм семæ,  цæмæй  Украинайы  суверенондзинад æмæ  хæдбарад сног уа.  Гуымиры агрессий  ацы акт у лæбурд æнæрмæст Украинайы  ныхмæ,   уый у  демократийы  ныхмæ  райдайгæ  бырст  хурыскæсæн Европæйы æмæ дунейы  масштабæй.  Фæнысангонд   кризис агайы  сæрибар, суверенон европаг адæмы, йæ фидæн  сывзарыны æмæ  Британи кæддæриддæр  рахæцдзæн сæ сæрыл», – банысан кодта Борис Джонсон.