Борис Джонсон хъусын кæны, цæмæй  тагъд бахъæудзæн æвзæрст саразын уырыссаг газ æмæ Украинайæн  фарсхæцыны æхсæн
Борис Джонсон хъусын кæны, цæмæй тагъд бахъæудзæн æвзæрст саразын уырыссаг газ æмæ Украинайæн фарсхæцыны æхсæн

Стыр Британийы  премьер-министр  Борис Джонсон  хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ  тагъд æрлæудзæн  афон, кæцы рæстæджы дæр бахъæудзæни  сывзарын уырыссаг  газ  æмæ Украинайæн фарс рахæцыны æхсæн.  Борис Джонсоны фидиуæн  ахæлиу кодта йæ администраци.

«Ныфс дарæм, цæмæй  æндæр европаг бæстæтæ гæнæн ис  бамбарой, ома тагъд  æрлæудзæн афон, кæцы рæстæджы дæр сæ баæхъудзæн æвзæрст саразын уырыссаг газы æмæ Украинайæн фарс рахæцын æмæ сабырдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæды æхсæн», –  дзырæдуы   Стыр Британийы  премьеры  фидиуæны.

«Куы хъусын кæнæм, цæмæй  йæ фарс хæцæм  Украинайы суверенитет æмæ  æнæхъæндзинадæн, уæд уый тыххæй   нæ дзурæм, цæмæй  нæ  фæнды, Уæрæсæейы  ныхмæлæуджытæ фестæм, кæнæ  стратегионæй йæ æрхъула кæнæм, кæнæ йæ бын ракъахæм  ацы стыр бæстæйæн.  Макуы нæ хъуамæ рох кæна, цæмæй  растдæр уырыссаг  туг  нын ратта нацизм абырсты фадат. Афтæ дзурæм уый тыххæй, цæмæй  хæсджын стæм,  демократи æмæ сæрибардзинадæй, кæцыйн ныр  цыт кæны  европаг континенты фылдæр массæ», – банысангонд у Борис Джонсоны  фидиуæны.