Боливийы масштабон зынгсирвæзты фæстиуæгæн 500 мин гектар фæзуат хъæды массив басыгъд.
Агентад «Ройтер» куыд фыссы, афтæмæй, уый фæдыл Бразилийы хицауад райхъусын кодта.
Хицауады публикацигонд бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, Санта-Крусы департаменты 70 процент хъæд, зынгсирвæзты рискъы раз лæууы.
Æрдзыхъахъхъæнæг организаты фидиуæнæй, зынгсирвæзт скуынæг кодта фаунæйы 500 мыггаг, сæ нымæцы бирæ эндемикъон.
Боливийы президенты Эво Моралесы хъусинагæй, хицауад зынгсирвæзт ахуыссын кæнын, алы амæлттæй архайы.
Масштабон зынгсирвæзтимæ тох кæнынц сыхаг Бразилийы дæр, цы ран АМазоны хъæд судзы.