«Блумберг»- Украинæмæ ныххæццæ ис  «Ф-16»-ы типы авиакуынæггæнджыты фыццаг парти, фæлæ лæвæрд  хæдтæхджытæ цъус сты
«Блумберг»- Украинæмæ ныххæццæ ис «Ф-16»-ы типы авиакуынæггæнджыты фыццаг парти, фæлæ лæвæрд хæдтæхджытæ цъус сты

Украинæмæ  ныххæццæ с  «Ф-16» типы   авиакуынæггæнджыты фыццаг  парти. Информаци уый фæдыл,  агентад «Блумберг» сæрмагонд равзæрæныл æнцойæ хъусын кæны.

Медиафæрæзы  банысан кодтой, цæмæй ныгуылæйнаг æмцæдисонтæ  Украинæйæ фыццаг «Ф-16»-ы июлы  кæронмæ раттын баныфсвæрдтой.  Рауагъдадæн куыд  ссис  бæрæг афтæмæй, оæвæрд хæдтæхджыты нымæц  у  чысыл.

Уыимæ нырма нæу бæрæг,  бафæраздзысты æви нæ украинæйаг   тæхджытæ, кæцыты «Ф-16»-æм бацæттæ кодтой, фæнысангонд  авиакунæггæнжытæй   уайтагъд  спайда кæнын æви сæ  ноджы рæстæг бахъæудзæн.

Уæдмæ, медиайы  ахæлиугонд  хъусинагæй, Украинæ  цæугæ  сæрды  партнертæй, «Ф-16»-ы типы  æхсæз хæдтæхæгмæ  æнхъæлмæ кастис. Æдæппæт бæстæ   афæдзы кæронмæ   20-ы онг  авиакуынæггæнæг хъуамæ райса.