«Блумберг» - Нефткомпани «Шелл»  Уæрæсейæ  хом нефты парти рекордон æргъцухæй  балхæдта
«Блумберг» - Нефткомпани «Шелл» Уæрæсейæ хом нефты парти рекордон æргъцухæй балхæдта

Европæйы ставддæр  нефткомпани  «Шелл»   Уæрæсейæ   хом нефты  парти  рекордонæй ныллæг аргъæй  балхæдта.  Информаци уый фæдыл  хъусын кæны агентад «Блумебрг». Уæдмæ  Украинамæ  Уæрæсейы   интервенцийы  фæстæ,  бæрæг ссис, цæмæй  нефткомпани Уæрæсейæ  нефты æмæ  газы æлхæнын дарддæр кæны.

«Блумбергы» хъусинагæй «Шелл»   нефты   дунейы  иуæй-иу  ставддæр   баразадон  компани  «Trafigura»йæ балхæдта  æмæ  иу  барел нефтæн  уæййаг базарадон аргъæй  28,50 долларæй  къаддæр бафыста.

Социалон хызагы  «Твиттеры»  компанийы ахæлиугонд  фидиуæны  банысангонд у, цæмæй «Шелл»   Уæрæсейæ   балхæдтæ дарддæр кæны,  йæ клиентты  сифтонг кæнынæн æмæ фæкъаддæр кæндзæн   балхæдтæ,  куыддæр  альтернативæ  фæзындзæн афтæмæй.

«Блумберг» куыд банысан кодта афтæмæй,   хицауадты Уырыссаг нефты  æмæ  газы  балхæд  ацы афонмæ  нæ  фæтобæ  кодтой, уымæн æмæ ахæм къахдзæф гæнæн ис   æргъты  виппайды  рæзт расайа. Нефткомпани «Шеллы» уырыссаг  нефт балхæд  гæнæн ис  базары  æндæр  архайджытæн сиволон къадзæфыл нымад  уа –  фыссы «булмберг»