«Блумберг» - Евроцæдисы арæнтæ минимум дыууæ къуырийы дæргъы æхгæд уыдзысты, æрмæст а.х. æдас бæстæты номхыгъдæй цалдæр бæстæ ацух кæндзысты
Евроцæдисы арæнтæ минимум дыууæ къуырийы дæргъы æхгæд уыдзысты, æрмæст а.х. æдас бæстæты номхыгъдæй цалдæр бæстæ ацух кæндзысты. Уый фæдыл информацийы анонимон ратæдзæныл æнцойæ хъусын кæны «Блумберг».
Журналисттимæ ныхасы рæстæджы европаг бæрзонд гæстæ дзурынц, цæмæй Евроцæдис хъавы, уæнг паддзахадтæм бацыд фæтобæ кæнын Канадæйы, Китайы, Японийы æмæ Хуссар Кореяйы æмбæстæгтæн. Ацы падзахадтæ ныртæккæ сты уыцы 13 æдас бæстæйы æхсæн, кæцыты æмбæстæгтæн Евроцæдисы территоримæ ныццæуыны бар ис.
Уыдонæй уæлдай ма, ацы номхыгъды ис Гуырдзыстон, Алжир, Марокоо, Ног Зеланди, Руанда, Тайланд, Тунис æмæ Уругвай.
Хæлиу кæны хъусинаг, цæмæй номхыгъдæй гæнæн ис сыппарой Алжир æмæ Марокко дæр.