Bloomberg – Трамп Зеленский æмæ Европæйы лидертæн фехъусын кодта, цæмæй Путин нырма дæр фæнды, цæмæй Киев ратта контроль æнæхъæн Луганск æмæ Донецкы регионтыл
Путин нырма дæр фæнды, цæмæй Киев ныууадза æнæхъæн Луганскы æмæ Донецкы регионты контрол – уый фæдыл Дональд Трамп Владимир Путинимæ фембæлды фæстæ телефонон ныхасы рæстæджы Володимир Зеленскийæн æмæ Европæйы лидертæн фехъусын кодта, хъусын кæны Bloomberg йæхи истæгтæм гæсгæ.
Украинæйы президент æмæ европæйаг лидертæ Трампимæ ныхас кодтой, Уæрæсейы президентимæ фембæлды фæстæ, Аляскæйæ Вашингтонмæ куы æрыздæхт, уæд.
Блумберг куыд фыссы афтæмæй, æнæкæсгæ уымæ æмæ фембæлд хæсты æрбæстон кæнынмæ нæ баххæсыд, Дональд Трамп фембæлд схуыдта продуктивон æмæ банысан кодта, цæмæй Владимир Зеленскиймæ æрсидт уыдзæн бадзырд саразынмæ.
Bloomberg-ы æрмæгмæ гæсгæ, Дональд Трамп телефоны ныхасы рæстæджы загъта, цæмæй кæд æмæ Украинæйæн йæхи бар у, цы сараздзæн йæ территоритимæ, уæддæр Путины позици нæ фæивта – уый нырма дæр фæнды, цæмæй Киев ратта контроль æнæхъæн Донбасы регионыл скæсæн Украинæйы.
Уымæй уæлдай ма, Bloomberg-ы æрмæг нысан кæны, цæмæй Уæрæсе ныууадздзæн претензитæ Запорожье æмæ Херсоны регионты уыцы хаймæ, кæцытæ ныртæккæ нæ контрол кæны, æмæ афтæмæй ацы регионты фронты хахх ныууазал кæндзæн.
Зеленский бирæ хатт аиуварс кодта территорийæ раттыны гæнæн.
Bloomberg-имæ ныхас кæнгæйæ, йæ ном нæ раргом кæныны уавæры, ист æрмæг нысан кæны, цæмæй иуæй-иу бæрзонд рангы европæйаг бæрнон тыхстгонд у, цæмæй Трамп Зеленскийыл æндæвдад æрцæудзæн, цæмæй территориалон концесситы фæдыл бадзырдмæ æрцæуа.