Биометрикон  паспорт ацы  моментмæ Гуырдзыстоны 1  700 000 æмбæстагмæ  ис
Биометрикон паспорт ацы моментмæ Гуырдзыстоны 1 700 000 æмбæстагмæ ис

Биометрикон  паспорт  ацы  моментмæ ис Гуырдзыстоны 1 700 000  æмбæстагмæ, – уый фæдыл  информаци  паддзахадон сервисты  райрæзты   агентад Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы  æхсæн  æнæвизæ  дыууæрдæм змæлды   скусын кæнынæй   æхсæз азы сыххæстмæ  гæсгæ  хъусын кæны.

Агентады хъусинагæй,  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  биометрикон паспорт  бæрзондтехнологион  æмæ фæмæнгкæнынæй тынг хъахъхъæд     балццонон документ у.

«Паддзахадон   сервисты  агентады  лæвæрд   идентификацион  документты,  гоймагы электронон æвдисæндары  æмæ  биометрикон паспорты  æууæнкдзыннад  нымадмæ ис  у  æхсæнадæмон æмвæзадыл.

Гуырдзыстоны  паспортæй  æнæвизæйæ  дыууæрдæм  змæлын гæнæн ис  дунейы 106 бæстæмæ», – банысангонд у   паддзахадон сервисты  райрæзты  агентады информацийы.