Бинонты информацийæ, Хурвалиты цæрæг Дата Ванишвилийы хъæбулыхъæбул æмæ чындзы, оккупацион режим карантины дары, æрмæст сæ фæстæдæр изолятормæ арвитдзысты
Хурвалеты хъæуы, оккупацион хаххы иннæ фарс цæрæг Дата Ванишвилийы бинонты уæнгтæ, карантины æмгъуыд арвитдзысты оккупацигонд Цхинвалы иуæй-иу медицинон уагдоны. Дата Ванишвилийы хъæбулы хъæбул æмæ йæ чындзы, ныридæгæн аластой оккупацигонд Ахалгорæй Цхинвалмæ. Информаци æрцахстуæвджыты бинонтæн абон ссис бæрæг.
Оккупацигонд Цхинвалы цæрæг хæстæджыты хъусинагæй, æрцахстуæвджыты зæгъгæ, карантины режимы æмгнъуыд арвитыыны фæстæ, развæлгъау ахсты изолятормæ арвитдзысты.
«Цалдæр минуты размæ нæм фæдзырдтой Цхинвалæй Малхазы хæстæджы æмæ нын загътой, цæмæй Татиа æмæ Малхазы карантины фæстæ арвитдзысты рæстæгмæ ахсты изолятормæ. Уыдоны зылынджын кæнынц арæнсæттыны. Тæрхоны процесс ацæудзæн. Малхазы хæстæджытæ дзурынц, цæмæй дам нæм нæхимæ суммæ нæй æмæ бафидын хъом не стæм. Курæг стæм хицауадæй баххуыс нын кæнæнт, цæмæй исты амæлттæй ссæрибар кæнæм мæ хо æмæ йæ лæгы Цхинвалæй», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы æрцахстуæвæгы хо Тамта Адикашвили.
Лæг æмæ усы, Малхаз Ванишвилийы æмæ Татиа Адикашвилийы, оккупацион режим цалдæр бон размæ Хурвалеты хъæуы æрцахста. Уыдоны æрцахстой, телтæй æмбонды иннæ фарс цæрæг фыдыфыдмæ, Дата Ванишвилимæ уазæгуат куы уыдысты уæд.