Бидзина Иванишвили- Тынг ныфсджын дæн Гуырдзыстонæй, уырны мæ европæйаг перспективæйы, æнæмæнгæй æрыздахдзыстæм нæхимæ нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæрты, растдæр уый тыххæй æрыздæхтæн политикæмæ
Æнæкæсгæ Гуырдызстоны æрдæм уæвæг æргомзæрдæ æххуысмæ, демократийы уæвынады уавæрты, иунæг европæйаг паддзахад дæр нæ никуы нымадта æххæстаргъджын, æмсæр партнерæй – уый фæдыл «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» æмбырдыл партийы сæрдар , Бидзина Иванишвили райхъусын кодта.
Йæ аргълæвæрдæй, æнæдемократийæ, Гуырдзыстоны æмæ европæйы æхсæн дистанци райрæзтаит æмæ бæстæ никуы суыдаит Европæйаг бинонты уæнг.
«Æнæдемократийæ мах никуы суыдаиккам Европæйаг бинонты уæнг. Æхсæз азы размæ гуырдзиаг адæм басастой ныфссастдзинад æмæ райстой демократий. Мах ацы демократи нæ дæр бындарæй райстам æмæ нæдæр нын нæдæр исчи, йæ хæларзæрдæ фæндæй ратта, мах æй нæ тохы фæстиуæгæн байстам режимы къухтæй. Растдæр уымæй сбæлвырд кодтам, цæмæй Европæйагдзинад у махæн цивилизацион барæвзар» – загъта Бидзина Иванишвили.
Йæ аргълæвæрдæй «Гуырдзиаг Бæллицц» демократийæн ратта æнæфæзилгæдзинады фыццаг фидар импульс, æмæ уымæй фегом кодта Гуырдзыстонæн Европæйаг фæндаг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон аккагæй æрфидар кæндзæн йæхи Европйæаг бинонты, куыд уадиссаг наци афтæ.
Йæ аныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстонмæ ис æмбæлон хъомад сфысым кæна æнæрмæст милуангай туристтæн, фæлæ ма сеппæтæй хуыздæр аууæлттæй, тынг бæрзонд æмвæзадыл ауадза æхсæнадæмон форумтæ, сфысым кæна стыр бизнесæн, суа ахуырады, медицинон лæккады æмæ бæрзонд технологиты регионалон центр, уа стыр фæрæзтæ кæмæн ис ахæм бæстæйæ.
«Гуырдзыстонæй тынг ныфсджын дæн, уырны мæ нæ сæрмагонддзинады, уырны мæ нæ европæйаг перспективæйы æмæ бæлвырдæй зонын, цæмæй æнæмæнгæй æрыздахдзыстæм нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæрты нæхимæ, цæмæй стыр ивгъуыд кæмæн ис ахæм адæм стæм æмæ нын уыдзæн аккаг фидæн. Раст ай уыд мæ сæйраг æмæ абсолютон мысан. Ацы хъуыддаг кæронмæ бакæндзыстæм æмæ фæуæлахиз уыдзыстæм. Растдæр уый тыххæй æрыздæхтæн политикæмæ» – райхъусын кодта Бидзина Иванишвили æмбырдыл дзырдæй ралæуды рæстæджы.
«Гуырдзиаг Бæллицц –Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдарæй абон Бидзина Иванишвилийы сывзæрстой æмæ политсоветы ног сконд сбæлвырд кодтой.