Бидзина Иванишвили- Тынг ныфсджын дæн Гуырдзыстонæй, уырны мæ европæйаг перспективæйы, æнæмæнгæй æрыздахдзыстæм нæхимæ нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæрты, растдæр уый тыххæй æрыздæхтæн политикæмæ
Бидзина Иванишвили- Тынг ныфсджын дæн Гуырдзыстонæй, уырны мæ  европæйаг перспективæйы, æнæмæнгæй  æрыздахдзыстæм нæхимæ нæ абхазаг æмæ  ирон æфсымæрты, растдæр уый тыххæй  æрыздæхтæн политикæмæ

Æнæкæсгæ  Гуырдызстоны æрдæм   уæвæг  æргомзæрдæ  æххуысмæ,   демократийы  уæвынады   уавæрты,    иунæг европæйаг   паддзахад  дæр  нæ  никуы  нымадта  æххæстаргъджын, æмсæр  партнерæй –  уый фæдыл   «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон  Гуырдзыстоны» æмбырдыл   партийы  сæрдар ,  Бидзина  Иванишвили   райхъусын кодта.

Йæ  аргълæвæрдæй,  æнæдемократийæ,  Гуырдзыстоны  æмæ европæйы  æхсæн  дистанци  райрæзтаит  æмæ   бæстæ  никуы  суыдаит  Европæйаг бинонты уæнг.

«Æнæдемократийæ  мах никуы  суыдаиккам  Европæйаг   бинонты  уæнг.   Æхсæз азы  размæ   гуырдзиаг адæм  басастой  ныфссастдзинад  æмæ  райстой  демократий. Мах ацы  демократи нæ дæр  бындарæй райстам æмæ   нæдæр нын нæдæр исчи, йæ   хæларзæрдæ  фæндæй ратта,   мах æй   нæ   тохы  фæстиуæгæн  байстам  режимы  къухтæй.  Растдæр  уымæй  сбæлвырд кодтам, цæмæй  Европæйагдзинад  у  махæн цивилизацион   барæвзар» –  загъта Бидзина Иванишвили.

Йæ аргълæвæрдæй   «Гуырдзиаг Бæллицц»  демократийæн ратта   æнæфæзилгæдзинады фыццаг    фидар  импульс, æмæ уымæй   фегом кодта  Гуырдзыстонæн Европæйаг фæндаг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстон аккагæй æрфидар кæндзæн  йæхи Европйæаг  бинонты,  куыд   уадиссаг  наци афтæ.

Йæ  аныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстонмæ ис  æмбæлон хъомад  сфысым кæна   æнæрмæст  милуангай туристтæн, фæлæ ма   сеппæтæй   хуыздæр аууæлттæй,  тынг бæрзонд æмвæзадыл  ауадза   æхсæнадæмон форумтæ,   сфысым кæна  стыр бизнесæн,   суа  ахуырады,   медицинон   лæккады  æмæ  бæрзонд   технологиты   регионалон   центр,  уа  стыр  фæрæзтæ кæмæн ис ахæм бæстæйæ.

«Гуырдзыстонæй  тынг ныфсджын дæн,   уырны мæ  нæ   сæрмагонддзинады,  уырны мæ   нæ  европæйаг перспективæйы  æмæ   бæлвырдæй   зонын, цæмæй  æнæмæнгæй  æрыздахдзыстæм нæ   абхазаг æмæ   ирон æфсымæрты  нæхимæ,  цæмæй  стыр   ивгъуыд  кæмæн ис ахæм адæм стæм æмæ нын уыдзæн  аккаг фидæн.  Раст ай  уыд  мæ сæйраг    æмæ   абсолютон мысан.  Ацы хъуыддаг кæронмæ бакæндзыстæм   æмæ   фæуæлахиз уыдзыстæм.  Растдæр уый  тыххæй æрыздæхтæн  политикæмæ» – райхъусын кодта  Бидзина Иванишвили   æмбырдыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы.

«Гуырдзиаг Бæллицц –Демокративон  Гуырдзыстоны»   сæрдарæй  абон   Бидзина Иванишвилийы   сывзæрстой æмæ  политсоветы  ног  сконд  сбæлвырд кодтой.