Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» бындурæвæрæг, Бидзина Иванишвили публиккаци кæны фидиуæн, кæцыйы уын æнхъарæм æххæстæй:
«Фыццаджы дæр мæ фæнды зæгъон куыд цыт кæнын гуырдзиаг æхсæнадæн, кæцы æнæиу хатт бæлвырд равдыста, цæмæй европаг аргъдзинæдты æмзæрдæ у. Хæдбарад ногæй рацарæзты 30 азы сæрыл, гуырдзиаг адæм абон ноджы иу хатт равдыста,ц æмæй намыс, сæрибардзинад æмæ хæдбарад йæ сæйраг аргъдзинæдтæ сты. Уыимæ гуырдзиаг дзыллæ алкæмæнбæлвырд равдыста, цæмæй цыбырæмгъуыдон демократон фæлтæрддзинадмæ нæкæсгæ, у зондджын, кæцыйы фæрцы йæм æфты быцæусидтытæн аккагæй бахъом уыды фадат.
Нырид афæдз æмæ æрдæг рацыди, политикæйæ мæхи айсыны фæдыл куы фехъусын кодтон дзыллæйæн æмæ уый фæстæ афтæдæр мæзхи уынаффæ кæронмæ æххæст кæнын. Æнæхъæнæй ацы периоды дæргъы, иунæг публиког фидиуæн сарызтон æмæ уый дæр æрмæст уый тыххæй, цæмæй мæ номæй спекуляциты фадат макæмæн раттаин. Нæ мæ фæндыд политикон процесстыл, æнæрмæст æз, фæлæ ма мæ факторæн дæр уыдаит исты æндæвдад æмæ хицауадон тыгъдадæй мæ æххæст дистанцирдзинады нысан дæр раст уый уыд æмæ у ныр дæр.
Иурæстæгонæй куыд ацы бæстæйы хъæбул æмæ йæ иуæй-иу сæрхъызой, цæй зæгъын æй хъæуы Гуырдзыстоны цæугæ фæзындтæм лæмбынгæ мæ цæст дарын. Регионы уæвæг иттæг вазыгджын политикон уавæры фоныл, Гуырдзыстон æмæ йæ хицаугæнæг бал, тыхбын сты мæйты дæргъы тынг риссаг процесстæ рацæуын. Гуырдзыстон æмæ йæ хицауадæн уавæры сæрмагонд зын кæны уыцы аууæл, ома бæрæг тыхтæ архайынц Гуырдзыстоны хæстмæ баласын æмæ сæ ацы фæндон æмæ нысан, хъыгагæн абон дæр актуалон у.
Стыр зындзинæдтæм нæкæгæ, хицаугæнæг бал раст бакуыста, раст æмæ принципон позици сывзæрста æмæ сæйраг зындзинад, хæстмæ баласыны тас абон максималонæй нейтрализацигонд у. Фæлæ банысан кæндзынæн, цæмæй Украинайы хæсты фæуды онг, бæрæг рискытæ ис, æмæ куыд хицауад, афтæ дзыллæ дæр максималонæй сæрхызт хъуамæ уа, цæмæй Гуырдзыстон хæстæй кæронмæ аиуварс кæна йæхи.
Уыимæ, абон хæсты тас максималонæй нейтрализацигонд куы у, хъуыды кæнын, цмææй хицаугæнæг балмæ ис фадат, йæ хъусдард фылдæр раздахæт иу иттæг нысаниуæгджын приоритетмæ æмæ бацархайæд, цæмæй Гуырдзыстоны ахастытæ стратегион партнер, АИШ-имæ æмæ Евроцæдисимæ ма базиан уæд.
Мæ хисæрмагонд проблемæйы тыххæй куы зæгъон, кæцы мын сæвзæрд Швейцариаг банкимæ ахастыты æмæ абон дæр актуалон у, уæд мæ хъуыды гæсгæ, Гуырдзыстоны цæугæ процесстимæ комкоммæ баст у. Фæлæ уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстон тынг вазыгджын уавæрæн парктиконæй бафæрæзта æмæ хæсты тас нал ис, хуыздæрыл нымайын Швейцариаг банкимæ мæ ахастытæ, мæхи сæрмагонд проблемæйæ ныццадзон æмæ ацы проблемæ æхсæнадæн уæлдай ма бахъарон.
Мæнæн сæйраг у, Гуырдзыстон бафæраза иттæг вазыгджын уавæрæй крæонмæ рацæуын æмæ сабырдзинад бахъахъхъæнын, мæ сæйраг фарстатыл та, æз мæхæдæг бакой кæндзынæн æмæ ацы проблемæтæй æхсæнад æгæр уаргъ æвæрын нæ бауадздзынæн.
Фæстагмæ, уый тыххæй, цæмæй публиконæй уыд æвæрд фарст Украинайы хæст райдаыны фæстæ, АИШ-ы минæваримæ мæ фембæлды фæдыл, æхсæнадæн мæ фæнды зæгъын, цæмæй ахæм фембæлд æцæгдæр уыд минæвары куырдиатæй æмæ уый 3 сахаты бæрц аххæссыд» дзырдæуы Бидзина Иванишвилийы фидиуæны.