Бидзина Иванишвили – премьер йæ бынатыл ис æмæ йын æвзарын нæ хъæуы
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» уыд чысыл æнæмбарындзинад, ницы серьозон – уый фæдыл парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвили партийы æмбырдыл дзырдæй ралæуды фæстæ райхъусын кодта.
«Балы мидæг цы æрцыд, уый быцæудзинадæй схонын зын у. Уыдис чысыл æнæмбарындзинад, кæцыйы кой ракодтон раныхасы рæстæджы, серьозон ницы уыдис. Лæмбынæг мæ цæст дарттон балы куыстмæ. Гиорги Квирикашвили раджы дæр мын банхъардта партийы сæрдары бынатмæ æрыздæхын, фæлæ ныр федтон, цæмæй æнæмæнгæй хъуамæ æрыздæхтаин æмæ мæ ресурсæй баххуыс кодтаин партийæн» – расидтис Иванившили.
Афтæма журналистты фарстыл, зæгъгæ ивд æрцæудзæн æви нæ премьер, Бидзина Иванишвили дзуапп ратта – «Ницы амалæй» зæгъгæ.
«Премьер йæ бынатыл ис æмæ йын æвзарын нæ хъæуы» -банысан кодта парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвили.
Бидзина Иванишвилимæ, журналистты æрдгæй хъæлæбайы тыххæй дзуапп раттыны фадат нал фæцис.