Бидзина Иванишвили – абон 1  октябр у, сæрибардзинад  æрыздахыны бон, бон кæцы нæ бæстæйы историйы Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы æнæпрцедентон иудзинад æвдисы
Бидзина Иванишвили – абон 1 октябр у, сæрибардзинад æрыздахыны бон, бон кæцы нæ бæстæйы историйы Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы æнæпрцедентон иудзинад æвдисы

Абон 1-æм октябр у, сæрибардзинад  æрыздахыны  бон,  бон кæцы æвдисы   нæ бæстæйы  бирææнусон   историйы  Гуырдзыстоны æмæ    гуыдзиаг адæмы   прецедент цæмæн нæй  ахæм иудзинад.  Бон  кæцы æвдисы   хæдбар Гуырдзыстоны историйы  сæйраг уæлахиздзинад æмæ гуырдзиаг лæгы  цæсгом  йæхимæ æрыздæхт! –  уый фæдыл  «Картули Оцнебайы»  цытджын   сæрдар Биздина  Иванишвилийы    фидиуæны дзырдæуы.

Бидзина Иванишвилийы  фидиуæнæй,  зæгъгæ фыццаг октябр   нæу  искæцы  партийы  сæрмагонд,  искæцы  адæймагы, фæлæ  у  гуырдзиаг адæмы, Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  сæрмагонд.

«2012 азы 1  октябр   нæ историйы  иуæй-иу  сæйраг бындур у,  гуырдзиаг адæмы  уæвыны иуæй-иу   сæйраг раст,  бон кæцы   сегасдæр хуыздæр æвдисы гуырдзиаг  ген æмæ фыдæлты    бын –  куыд фæнды тыхджындæр уа  знаг,  мидæгон æви æддæйæ,  хъуыддаг  адæмы  намыс æмæ сæрибардзинадмæ куы æрцæуы, уæд ма  фæстæмæ фæндаг  хуымæтæгæй  нал баззайы!

1 октябр нæу  искæцы  партийы,  искæцы  адæймагы, 1  октябр у   гуырдзиаг  адæмы, Гуырдзыстоны æмбæстæгты сæрмагонд,  кæцытæ  ацы  диссаг   иудзинадæй «Картули Оцнебаимæ» иумæ, бæстæйæ  æрысадтой   æлгъаг  цъыф, кæцы нын нæ дæтта   фадат   сæрибарæй  улæфын,  хъуыды  равдисын, рæстдзинадæн тохы,   аккаг  царды,  бинонты æмæ хæстæджытыл аудын, кусын, бизнес аразыны,  ахуыр райсыны æмæ  зæры бонты  аккагæй  арвитыны фадат», – дзырдæуы  фидиуæны.

Афтæма йæ дзырдæй,   зæгъгæ патриотизм  æрмæст хæцæнгарзимæ  къухты   фыдыбæстæйы  сæрыл  тох нæу,  алцыппæтим æиумæ,  уый   у  ныфсджындзинад, цæмæй  æнæрастдинадæн  йæ ныхмæ слæууай   сегасдæр зын моменты   сбæрзонд кæнай  дæ  хъæлæс, раст йеуæд,    исты  сдзурын куы  ничи   хæссы  йæ ныфс. Растдæр уый тыххæй,Иванишвилийы  фидиуæнæй,  нысаниуæгджын у 26 октябры   æвзæрстыты  «Картули Оцнебайæн»  йæ фарс рахæцын.

«26  октбяры   боныфæткы  нæй  политикон    симпати-антипатийы, фæлæ    Гуырдызстоны  уæвын-нæуæвыны  фарста  лæууы! Хуыцауы æмæ  фыдыбæстæйы  раз æсджын  стæм  нæ  хъæбултæн  нæ  фидæны фæлтæрæн    хæдбар æмæ сабыр Гуырдзыстон ныууадзæм, уый тыххæй  дæр  26 октябры   хъуамæ баиу уæм æмæ фæуæлахиз уæм!   Нæ  иунæг фæндаг  у  æрмæст сабырæй, цæсгомджынæй æмæ  фарнæй   Европæйы  æрдæм!  Уæлахз уæд Иугонд, тыджын æмæ  дидинæфтыд Гуырдзыстон», –  фыссы  Бидзина Иванившили  йæ фидиуæны.