Бидзина Иванишвили - сæрибар, хæдбар, суверенон, Евроцæдисы уæнг, иугонд æмæ территорионæй æнæхъæн Гуырдзыстон, уый у нæ гуырдзиаг бæллицц, кæцыйы æнæмæнгæй сæххæст кæндзыстæм
Дзырд уын дæттын, цæмæй алы ныхмæлæудыл фæтых уыдзыстæм, суверенитет дæр сфидар кæндзыстæм, сабырдзинад дæр бахъахъхъæндзыстæм, гуырдзиаг экономикæ дæр стынг кæндзыстæмæ æмæ 20230 азы суыдыстæм Евроцæдисы уæнг бæстæ, мах стæм уникалон наци уникалон историимæ, традицитæй æмæ идентондзинадæй, растдæр ацы уникалон националон традицитæй æмæ идентондзинадæй хъуамæ суæм иумæйаг европаг бинонты, уымæн æмæ æрмæстдæр ахæм цауы ис гæнæн уа йын æцæг аргъ Евроцæдисæн Гуырдзыстоны цæстмæ æмæ Гуырдзыстонæн та Евроцæдисы цæстмæ – уый фæдыл «Картули Оцнебайы» цытджын сæрдар, Бидзина Иванишвили райхъусын кодта.
Бидзина Иванишвили куыд банысан кодта, афтæмæй, сæрибар, хæдбар æмæ суверенон Гуырдзыстон, Евроцæдисы уæнг Гуырдзыстон, иугонд æмæ территорионæй æнæхъæн Гуырдзыстон, уый у нæ гуырдзиаг бæллицц, кæцыйы алчи иумæ æнæмæнгæй сыххæст кæндзыстæм.
«Сæрибар, Хæдбар æмæ суверенон Гуырдзыстон, Евроцæдисы уæнг Гуырдзыстон, Иугонд æмæ территорионæй æнæхъæн Гуырдзыстон, ай у нæ гуырдзиаг бæллицц, кæцыйы алчи иумæ æнæмæнгæй сыххæст кæндзыстæм» – загъта Иванишвили.