Бибылты Анатолий - Гуырдзыстоны президенттæм æвзæрстыты размæ тызмæг политикъон тох цæуы æмæ баллты ныффыссын архайынц
Оккупацигонд Цхинвалы а.х. президент Бибылты Анатоли хъусын кæны, цæмæй Арчил Татунашвилийы мæлæтыл спекуляциты æмæ истериты иуæй-иу аххос у Гуырдзыстоны плангонд президенттæм æвзæрстыты размæ цæугæ карз политикон тох. Уый фæдыл Бибылты Анатолий загъта бынæттон медиимæ ныхасы рæстæджы.
«Абон Гуырдзыстоны цæуы карз политикон тох президентон æвзæрстыты размæ. Æндæр æмæ æндæр политикон тых архайы, ныффысса баллтæ популистон фидиуæнты æмæ акциты хардзыл. Мах та æмбарæм цæмæй нæ сыхæгты цауы, ахæм баллты райст, сеппæтæй æнцондæр у националон темæйы, реваншистон фидиуæнты, нациты æхсæн фыдзæрдæдзинады сцырын кæныны бындурыл» – расидтис Бибылты Анатолий.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, «цæугæ истерийы ноджы иу расидæг сты Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг куратортæ, кæцытæ бартæ хъахъхъæнæг организацитæй пайда кæнынц уымæн, цæмæй Хуссар Ирыстоны равдысой, куыд оккупацигонд регионæй афтæ, цы ран систематонæй æфхæрд цæуынц адæймаджы бартæ».
«Сæ бындурон барты реалон сæтджыты рабæрæг кæнын сæ нæ фæнды, æндæр цауы, уыддон ситы сдзырдтаиккой, гуырдзиаг полици не æмбæстæгты куы ахста æмæ сæ фæд иу куыс æрбайсæфт, уый нымæцы æнахъомтæ дæр, æмæ уый æнæфæсайгæ бæлвырдгæнæнтæ ис уæд» – расидтис Бибылты Анатолий.