Бибылты Анатолий – Гуырдзыстонæн ис фарсхæцджытæ, кæцытæ зонынц, Ирыстоны цы æрцыд esq, фæлæ сæ нæ фæнды, Михеил Саакашвии ахæстоны бада
Цхинвалы оккупацион режим Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн транзитон къæлидоры скусын кæныныл диалогмæ цæттæдзинад равдыста. Уырыссаг агентад «РИА Новостиимæ» интервьюйы Бибылты Анатолий дзуры, цæмæ зæгъгæ Цхинвал транзитон къæлидоры байгомы ныхмæ нæу. Фæлæ оккупацион режимы минæвар цалдæр разæууæлы тыххæй ракой кодта.
«Цæттæ стæм транзитон къæлидоры фарст æркæсæм, разы стæм транзиты байгомимæ, фæлæ уыцы бадзырдæй, цæмæй Хуссар Ирыстон процессы æххæстбарджын уæнг куыд уа – афтæ» хъусын кæны журналистимæ ныхасы рæстæджы Бибылты Анатолий.
Афтæдæр йæ ныхæстæмгæсгæ, Гуырдзыстонимæ диалог райдайын уый фæстæ уыдзæн гæнæн, Тбилис, Цхинвалмæ бырстыл куый басæтдзæн, хатыр ракурдзæн æмæ фыдгæнджыты дзуаппмæ куы ратдзæн уæд.
«Гуырдзыстон хатыр хъуамæ ракура æмæ ацы агресийы зылынджынтæ чи сты уыдон, дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцуæуой, кæнæ гуырдзиаг тæрхондонæй кæнæ æхсæнадæмон трибуналы æрдгæй. Хъыгагæн, абон Гуырдызстонæн ис фарсхæцджытæ, кæцытæ зонынц, цæмæй цы æрцыд Ирыстоны, фæлæ сæ нæ фæнды, Михеил Саакашвии ахæстоны бада» – дзуары Бибылты Анатолий.
Бакой уын кæндзыстæм, 2018 азы 18 майы Уæрæсе къух бафыста бадзырдыл, кæцы Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн транзитон къæлидорты саразын дары йæ хъуыдыйы. Ацы къæлидортæ уагъд хъуамæ æрцæуой, Уæрæсейы оккупацигонд Абхазий æмæ Цхинвалы территоритыл.
Дзырдæуы нырма 2011 азы ноябры,Тбилисы æмæ Мæскуыйы къухбафыст бадзырдыл, кæцыйы практикон реализаци, куылымпы кодта Уæрæсейы ныхмæлæуды тыххæй. 18 майы Уæрæсейы федералон советы къухдариуæгæнæджы къухбафыст документ, Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн, уаргъты бынативджы мониторингы æмæ таможнæты администрирдзинады механизмы бындурон принциптæ бæрæг кæны.
Афтæма, Уæрæсе къух бафыста бадзырдыл швейцариаг компани SGS-имæ, кæцы транзитон къæлидорты уаргъты мониторинг хъуамæ сæххæст кæна.