Бибылты Анатоли хъусын кæны, цæмæй «Хуссар Ирыстоны дыууæ референдумы ауадзын хъавы»
Оккупацигонд Цхинвалы регионы президентæй кæй хонынц, Бибылты Анатолийы фидиуæнæй, Уæрæсейы скондмæ бацыды фæдыл «референдумы» процедурæ райдаынæн, «Хуссар Ирыстоны» хицауад хъуамæ баздæха Сæйраг Тæрхондонмæ.
Бибилов уый фæдыл райхъусын кодта «РИА Новостиимæ» интервьюйы.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ абон ис фадæтты рудзынг æмæ «республикæмæ» нæй бар, дзæгъæлы бахардз кæна оккупацигонд регионы цæрæг адæмы «фæндон» бацæуой Уæрæсейы скондмæ».
Бибилов ма афтæдæр банысан кодта, цæмæй республикæйæ цы хонынц, уым гæнæн ис ацæуа дыууæ «референдум».
«Хъуамæ æмбарæм, цæмæй Уæрæсейы скондма комкоммæ бацыд æмæ Ирыстоны комкоммæ баиу кæнын виппайды не рцæудзæн, уымæн æмæ закъон уый фадат нæ дæтты. Хуссар Ирыстон Уæрæсейы сконды куы уыдзæн, уæд хъуамæ райдайæт Ирыстоны биау кæныны процесс æмæ стæй ацæуæд дыууæ референдум», – бафтыдта ма уый.