Бердзены тыхджын зæххæнкъуысты фæстæ цунамийы тыххæй фæдзæхст райхъусын кодтой
Бердзены тыхджын зæххæнкъуысты фæстæ цунамийы тыххæй фæдзæхст райхъусын кодтой

Бердзены тыхджын зæххæнкъуысты фæстæ расидтысты цунамийы тæссагдзинад. Сакъадах Касосы цур 6.4 магнитудæйы зæххæнкъуыст æрцыд.

Бердзены уæлвæткон уавæрты службæтæ цæрджытæм æрсидтысты былгæронæй ацæуын.

Эгейы денджызы Крит æмæ Родосы æхсæн ис 1000 адæймаджы бæрц сакъадах Касос.

Зæххæнкъуыст Египеты, Израилы æмæ Турчы хуссар-ныгуылæны дæр банкъардтой.