Бердия Сичъинава – Нæ тох тыхмийы режимы фæуæлахизы фæдыл даргъ кæны, цалынмæ уæлахиз нæ райсæм, бырстгæнджытæн æмæ Гахариайы бабырсты организаторæн æмбæлон дзуапп нæ лæвæрд æрцæудзæн
Нæ тох тыхмигæнæг режимы фæуæлахизы фæдыл даргъ кæны уæлахизы онг, æмæ Гахариайы протестон акциты бырсджытæн æмæ организатортæн лæвæрд æрцæудзæн æмбæлон дзуапп – уый фæдыл «Гахариа – Гуырдзыстоны сæраппонд» æххæстгæнæг нымæрдар, Бердиа Сичъинавайы расидæны ис фыст.
Бердиа Сичъинава куыд банысан кодта афтæмæй, Гиоргий Гахариайы ныхмæ организгонд бабырст сырæзт.
«Сымах хорз зонут афтæмæй, æвзæрстытæм цалдæр боны размæ, Бидзина Иванишвили æргомæй æртхъирæн кодта Гиоргий Гахарийæн æмæ йæ командæйæн дзуаппæй. Знон Гиоргий Гахариа Батумы уыд ахстгонд фæсивæды æмæ журналистты фарсылхæцындзинадæн, режимы æфсармы ахæсттæн. Иванишвилийы бардзырдмæ гæсгæ, кæцы алы амæлттæй режимы фервæзын кæныныл архайы, Гиоргий Гахариамæ æхсæвы уазæгдон «Шератоны» фойейы организгонд бабырст сырæзт. Гиорги Гахариа бабырсты рæстæджы иунæгæй уыд, уæд æм дæс адæймагмæ æввахс, сæ цардыуаг куыд у, афтæ æрбабырстой. Уазæгдон «Шератон»-ы æнæхъæн периметр ифтонггонд у видеоцæстдарды фæрæзтæй, кæцытæ уазæгдоны администраци дзыхæй сбæлвырд кодта бынатыл æмæ равдыста йæ цæттæдзинад сæ раттын фæдагуырдмæ. Барадхъахъхъæнджытæн ныридæгæн сæ бон у 24 сахаты æмгъуыдмæ ацы фыдракæнд сбæрæг кæнын, уымæ гæсгæ, æнхъæлмæ кæсæм фæдагуырды фæстиуджытæм. Иннæты тыххæй фæстæдæр æрдзурдзыстæм. Гиорги Гахариайы æнæниздзинады уавæр зæрдæмæдзæугæ у æмæ йæ хæдзары хос кæны. Нæ тох ацы тыхмигæнæг режимы басæттыны тыххæй даргъ кæны уæлахизы онг. «Организатор æмæ бырстгæнджытæ, абсолютонæй алкæмæн дæр лæвæрд æрцæудзæн æмбæлон дзуапп», -расидтис Бердия Сичъинава.
Гиоргий Гахариамæ Батумы æрбабырстой. Мидхъуыддæгты министрад æрбабырсты фæдыл фæдæвзарæн райдыдта уголовон кодексы 126-æм статьямæ гæсгæ, кæцы тыхмидзинадмæ хауы.