Бенефициартæн глаукомæйы, рæуджыты, рæзынæгты хроникон низты, «2 типы» диабеты, зæрдæ-тугдадзинты, паркинсоны æмæ эпилепсийы медикаменттæ æнæхъæн азы дæргъы сфинанс уыдзысты
Хроникон низты хосгæнæн медикаментты программæ уæрæхдæр кæны, – уый фæдыл хицауады рабадты фæуды фæстæ ссис бæрæг.
Премьер-министры пресскуысты информацийæ, рабадтыл хаст уынаффæйæ 15 январæй æмбæлгæ категорийы кæнæ статус кæцы æмбæстгтæн ис уыдон глаукомæйы медикаменты æнæхъæн азы дæргъы æххæст финансгондæй райсдзысты.
Уыимæ æмбæлгæ категорийы бенефициартæн æнæхъæн азы дæргъы æххæстæй сфинанс уыдзæн: зæрд-тугдадзинты, рæуджыты, рæзынæгты, хроникон низты, диабеты (тип 2), паркинсоны æмæ эпилепсийы медикаменттæ.
«Æппæтон æнæнизхъахъъхæды программæмæ хаст ногдзинæдтæ æххæссынц социалонæй æнæхъахъхъæды уæнгтæм (кæцыты рейтингон баллтæ не сты 100 000 фылдæр), пенсионертæм, ветерантæм, амалхъомдзинад цух уæнгтæм (амалхъомдзинад цух сывллæттæ, карз кæнæ нысаниуæгджынæй æвдыст амалхъомдзинад цухы статус кæмæн ис ахæм уæнгтæ) æмæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритимæ дихгæнæг хаххы дæргъмæ хъæуты цæржытæм.
Министрты кабинеты уæнгтæ, афтæма æркастысты Гуырдзыстоны хицауады уагæвæрды проект «Социалон пакет сбæрæг кæныны фæдыл». Ивддзинадмæ гæсгæйæ, цæугæ азы январæй карз æвдыст амалхъомдзинад цух уæнгтæн æмæ амалхъомдзинад цух сывæллæттæн социалон пакет 50 ларийæ, 340-æй 290 ларийы онг сбæрзонддæр уыдзæн. Алы æндæр категорийы амалхъомдзинад цух уæнгы финансон æххуыс 20 ларийæ рæзы, сæ нымæцы нысаниуæгджынæй æвдыст амалхъомдзинад цух уæнгы социалон пакет 175-æй 195 ларийы онг рæзы. Бюджеты бæрц у 46 милван ларийы бæрц. Райрæзгæ социалон пакетæй 123 000-ы онг бенефициар спайда кæндзæн», – банысангонд у хицауады администрацийы информацийы.