Белгородыл Украинайы сæххæст хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 24-мæ ахæццæ ис
Белгородыл Украинайы сæххæст хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 24-мæ ахæццæ ис

Уæрæсейы горæт Белгородыл Украинайы æрдгæй  сæххæст бырсты  фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты  нымæц  райрæзтис 24 -ы  онг – уый фæдыл Белгороды  губернатор  Вячеслав  Шладков  райхъусын кодта.

«Белгороды Украинайы   гарзджын тыхты  бомбæкалды фæстиуæгæн 24  адæймаг амард. Фæцæф ис  108  адæймаг.  Дохтыртæ  цæфтæн  æххуыс кæнынц  алы хъæугæ мадзæлттæй»  – банысан кодта Гладков.

Губернаторы  дзырдæй,  пырх сфиксир ис  37  цæрæн корпусы, 453  фатеры, æртæ  хицæн хæдзары  æмæ авд социалон уагдоны.

«Зиан бахыгъд кæнынæн куыст ацы рæстæгмæ дарддæр кæны» – банысан кодта Гладков.