Белгородыл бомбæкалды фæстиуæгæн амард иу æмæ фæцæф сты дыууæ адæймаг
Белгородыл бомбæкалды фæстиуæгæн амард иу æмæ фæцæф сты дыууæ адæймаг. Уый фæдыл Белгороды губернатор Вячеслав Гладков райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ горæтмæ бацæуæнты цур 10 уæлдæфон нысаны æрыппæрстой. Уæдмæ Уæрæсейы хъаъъæнынады министрад ахæлиу кодта информаци, цæмæй уæлдæфон хъахъхъæнынады тыхтæ Белгороды сæрыл РСЗО Vampire-ы 10 реактивон сармадзаны нæмыг скуынæг кодтой.
Бынæтон хицауады хъусинагæй, Белгородмæ бырсты фæстиуæгæн базиан ис 14 цæрæн корпус æмæ фондз хицæн хæдзар, афтæма ахуыргæнæндон æмæ дыууæ базарадон центр.