Бельгийы премьеры хъусинагæй, Брюсселы æхсты фæстиуæгæн фæмардуæвæг дыууæ адæймаг Швецийы æмбæстæгтæ сты
Брюсселы æхсты фæстиуæгæн ф æмардуæвæг дыууæ адæймаг Швецийы æмбæстæгтæ сты. Уый фæдыл Бельгийы премьер-министр Александр Де Кро фехъусын кодта.
Бельгийы премьер-министр Швецийы премьерæн æрцæугæйы тыххæй тæфæрфæс ракодта.
«Зæрдиаг тæфæрфæс кæнын Швецийы премьер-министрæн ацы æхсæв Брюсселы Швецийы æмбæстæгтыл сæххæст æбуалгъ бырсты тыххæй. Нæ хъуыдытæ уыцы бинонтимæ æмæ хæлæрттимæ сты, кæцытæ уарзон адæймæгты фесæфтой. Куыд хæстæг партнертæ, терроризмиммæ тох у иумæйаг» – фыссы Александр Де Кро.
Бырсæг цауы бынатæй йæхи айста æмæ ацы афонмæ æмбæхст у. «ВВС» Брюсселы прокуратурæйыл æнцойæ куыд хъусын кæны, æхсты нымайынц терроризмæй. Бырсты фæстæ Брюсселы террористон тасы æмвæз цыппары онг, сегасдæр бæрзонд æмвæзадмæ схызт. Æрмæст УЕФА-йы информацийæ, цæугæ «Евро 2024»- ы квалификацион этапы Бельги-Швецийы футболон матч урæд æрцыд.