Бека Дзамашвили - Уæрæсе фыстæй сразы ис афæдзы кæронмæ депортацигæндты хъуыддагыл компенсаци бафидын
Уæрæсе фыстæй сразы ис афæдзы кæронмæ депортацигæндты хъуыддагыл компенсаци бафидын, нæмæ ныфс уадзæм, ацы хатт уæддæр сыххæст кæндзæн йæ хæсист, – райхъусын кодта юстицийы министры хæдивæг Бека Дзамашвили.
Дзамашвилийы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсе сыххæст куы кæндзæн йæ хæсист, æхсæнадæн деталонæй бамбарын кæндзысты уæлæмхас процедурæтæ, цæмæй ацы суммæ фæхæццæ уа комкоммæ зианбавзарджытæм.
«А.х. депортацигæндты хъуыддагыл уынаффæ Страсбургы тæрхондон 2019 азы январы рахаста æмæ уый фæстæ, Уæрæсе не ххæст кодта ацы хæсист. Æнæхъæн ацы рæстæджы дæргъы, Гуырдзыстоны юстицийы министрад, фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ иумæ, активон куыст кодтой уый тыххæй, цæмæй ацы уынаффæ сыххæст уыдаит. Активон æмкуыст кодтам европаг коллегатимæ министрты кабинеты æмæ рабæрæг ис ацы фарста алыгы прагматон фæндаг, кæцы йæ хуъыдыйы дары уый, цæмæй Уæрæсе суммæ бахæсса министрты комитеты Европæйы Советы хыгъдмæ æмæ стæй ацы суммæйы райуæрстыл райдайа куыст. Ацы фарстайы æм тынг дзæбæх прогресс ис, уымæн æмæ ноябры специалонæй ацы фарста алыг кæнынæн ацыд рабадт æмæ Уæрæсейы Федераци сразы ис фыстæй, цæмæй ацы хæсист сыххæст кæндзæн. Декабры рабадтыл сбæрæг ис конкретон æмгъуыдтæ æмæ министрты комитет афæдзы кæронмæ ратта Уæрæсейæн æмгъуыд хæсист сыххæст кæнынæн.
Ныфс дарæм, цæмæй ацыхатт уæддæр сыххæст кæндзæн Уæрæсе ацы хæс, кæцы уый нысан кæны, ома тынг стыр прогресс уыдзæн ацы æрдгæй. Уæрæсейы æрдгæй хæсист куы сыххæст уыдзæн, уæд æхсæнадæн деталонæй бамбарын кæндзыстæм, цы уæлæмхас процедурæтæ уыдзæн, ацы суммæ комкоммæ зианбавзарджытæм фæхæццæ кæнынæн», – райхъусын кодта Бека Дзамашвили.