Базарадон-экономикон æмгуыстады фæдыл Гуырдзыстон-Сербийы иумæйаг хицауадон къамисы дыккаг рабадт Мариам Квривишвилийы æмсæрдарæй уагъд æрцыд
Базарадон-экономикон æмгуыстады фæдыл Гуырдзыстон-Сербийы иумæйаг хицауадон къамисы дыккаг рабадт Мариам Квривишвилийы æмсæрдарæй уагъд æрцыд

Сербийы сæйраг сахар Белграды Гуырдзыстон-Сербийы иумæйаг хицауадон комисы базарадон æмæ экономикон æмгуыстады фæдыл дыккаг рабадт сырæзт, кæцыйы æмсæрдар уыдысты Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Мариам Квривишвили æмæ Сербийы республикæйы мидæггагон æмæ æттаг базарады министр Ягода Лазарич. Экономикæйы министрад хъусын кæны,

Уагдоны информацимæ гæсгæ, къамисыл йæ байгомы ныхасы рæстæджы, Мариам Квривишвили бæстæты æхсæн базарадон-экономикон æмкуыстдзинады нысаниуæг æмæ рæзгæ динамикæйыл фæныхас кодта, афтæ дæр æндæр æмæ æндæр секторты потенциалыл.

«Мах стыр нысаниуæг дæттæм Гуырдзыстон æмæ Сербаг Республикæйы æхсæн «Сæрибар базарады бадзырды» фæдыл бадзырдты райдайæнæн.Гуырдзыстон цæттæ у сербаг коллегæтимæ æнгом партнерады æмбæлон къахдзæфтæ саразын.Рæзгæ динамикæмæ æнæкæсгæйæ, дыууæфарсон базарады ныртæккæйы бæрц нырма дæр нæ æвдисы йæ æххæст потенциал, æмæ æнæмæнгхъæугæ у дарддæры рæзты æмæ рауæрæх кæныны тыхархайд ацы экономикон бастдзинæдтæ», — загъта экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр.