Базарадон хызæгты минæвæрттæ уæвæг арæнæвæрдты тыххæй иуæймаг фидиуæн сарызтой. Уыдон куыд банысан кодтой афтæмæй, зæгъгæ сæ сæйраг æркуырд у, базарадон объекттæн 15 декабрæй 3 январмæ уа кусыны бар, афтæма курынц кредитты реструктуризаци æмæ 2020 азы июлы сын цын налогты æмгъуыдтæ ахæцыдысты, уый хырдзгондыл банымайын.
Базарадон хызæгты минæвæрттæ дзурынц, цæмæй хицауады æрбайсгæ æххæст арæнæвæрд базарадон объектты куыстыл 28 ноябрæй -24 декабр хынцæгæйæ æмæ стæй 3 январæй -1 февралмæ, рискы раз слæууын кодта бæстæйы минимум 25 000 кусæн бынат æмæ сæдæгай лыстæг æмæ астæуккаг бизнесы уæвынад.
Базарадон хызæгты минæвæртты дзырдæй, уыдон ноджы иу хатт бакой кæндзысты хицауадæн, цæмæй регуляцитæ ногæй æркæсын хъæуы æмæ хицауадон структурæтимæ оперативон колммуникацийы нысаниуæгы рдæм здахын хъусдард.
«Фæнды нæ фембæлын хицауадон блокимæ æмæ эпидемиологтимæ, цæмæй æркæсæм рад уæлæмхас мадзæлттæ, кæцытæ ифтонг кæндзысты ноджы бæрзонддæр æмвæзады æдасдзинады мадзæлттæ æмæ æвдæлон суадздзысты пике периодтæ. Цæттæ стæм бæрн нæхимæ райсын ацы мадзæлттæ ауадзыныл, цææмй эффективонæй контролгонд цæуа къада базарадон объектты æдадсзинады нормæтæ æххæст хъахъхъæнгæйæ» – дзырдæуы ацы компаниты иуæймаг фидиуæны: «Сити Молл», «Тбилис Молл»,»Тбилиси Централ», «Гладни Молл», «Карвасла», «Ритейл Групп Джорджиа», «ICR Holding», «LC Waikiki GE», «Трейдлайн-Дрессап», «Джитекс».