Батумы Украинайы  фарсхæцæг акци цæуы
Батумы Украинайы фарсхæцæг акци цæуы

Батумы цæуы  Украинайы  фарсхæцæг   акци.  Европæйы фæзыл,  Ачъарайы  цæрæг   Украинайы   æмбæстæгтимæ иумæ  лæууынц  Уæрæсейы  æмбæстæгтæ дæр.

«Нæ мæ  хъæуы  хæст, кæд афтæ адарддæр уа, уæд мах, Уæрæсейы  æмбæстæгты,  Дунейы  никæдæм бауадздзысты.  Тызмæг фауын Украинайы цы цæуы  уый, йæ фарс хæцын  размæцыд  æмæ дидинæфтыд Украинайæн», –  дзуры Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы  Уæрæсейы  иуæй-иу  æмбæстаг.

Акцийыл сты  политикон партиты минæвæрттæ дæр.

«Бирæ  дзырдтæ  лæууынц мæ зардыл  Украинайæ,  2008 азы, афтæ  хъуамæ  архайæм мах дæр, цæмæй нæ бон у, хъуамæ сын баххуыс уæм, Украинайæн, хайад райсæм  гуманитарон  мисситы, куы бахъæуа  конфликты зонæтæй   зианбавзарджыты дæр райсæм, Ачъарамæ уый потенциал ис», –  райхъусын кодта  «Националон Змæлды» минæвар Гиорги Киртадзе.