Батумы срæмыгъды   фæстиуæгæн зианбаййафджытæй 4 адæймаг рынчыдоны сты
Батумы срæмыгъды фæстиуæгæн зианбаййафджытæй 4 адæймаг рынчыдоны сты

Батумы, Ахвледианийы уынгыл  æрцæугæ  срæмыгъды  фæстиуæгæн зианбаййафæг  авд уæнгæй,  æртæйы  рынчындонæй рафыстой. Дохтырты  цæстждарды бын сты   цыппар  зианбаййафæг, сæ нымæцы  дыууæ сывæллон дæр.

Цауы фæстиуæгæн зианбаййафæг   фараст  хæдзары бинонты, Батумы мерий  фысымуатты   æрцæрын кодта.  Ныр  хыгъд кæнынц зианы бæрц.

Æртæуæладзыгджын корпусæй  уæлдай,  базиан сты   алфæмбылæйтты лæууæг хæдзæрттæ,  коммерцион объекттæ  æмæ  автомобильтæ.  Цуаы фæдæвзарæн    радыдта  тугтæрхоны барады  кодексы  229  статийæ, кæцы æрдзон газæй пайдакæнынады фæткъойты  хæлд  дары йæ хъуыдйы.  Рабæздзæн æви нæ зиангонд корпус цæрынæн,  уый сбæрæг кæндзæн экспертизæ.