Батумы срæмыгъды фæстиуæгæн зиæнттæ райстой фондз адæймаг (видео)

Батумы цæрæн хæдзары стынды фæстиуæгæн  зиæнттæ райстой  фондз адæймаг,  сæ нымæцы  2 сывæллон сты.  Фыццаг Каналы  журналист бынатæй куыд ъхусын кæны  афтæмæй,   зианбаййафджыты фæхæццæ кодтой  Батумы рынчындæттæм.

Абаргæйæ  уæззау у  иу сылгоймагы уавæр,  кæцыйы   аластой   Батумы республикон рынчындонмæ.

Батумы Джинчъарадзейы  12 номыры  цæрæн хæдзары сырæзт фидар стынд.

Фыццаг Каналы  уацхæссæгы  информацийæ,  спрæмыгъд  æнхъæлц æрцыд  æрдзон газы кæй ахъарыд уый тыххæй.

Развæлгъау информацийæ  ис зиангондтæ.

Æркалдис  бæстыхайы фасады  хай,  базиан сты  хæстæг лæууæг автомобильтæ.

Бынатыл уагъд цæуы  ирвæзынгæнæн опраци.